Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы. Фӕлӕ Ӕз фараонӕн ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, мысыраг зӕххыл равдисдзынӕн Мӕ бирӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Фӕлӕ та Хуыцау ацы хатт дӕр фараоны скодта хивӕнд, ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Хуыцау Моисейӕн развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕз фараоныл бафтаудзынӕн хивӕнд, ӕмӕ уӕ фӕсте расурдзӕн; уӕд Ӕз бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ йеппӕт ӕфсады. Ӕмӕ мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ скадджын уыдзынӕн». Адӕм бакодтой, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕз та хивӕнд бафтаудзынӕн мысырӕгтыл, ӕмӕ фӕсте асурдзысты израилӕгты. Уӕд мӕ тых равдисдзынӕн фараоныл ӕмӕ йеппӕт ӕфсадыл, йӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ йӕ барджытыл. Ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн.
Выбор основного перевода