Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ – мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕт сбарджын ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр тӕригъӕды бафтыдысты. Цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард. Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн. Йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕфсадынӕн чи тауы, уый ӕркӕрддзӕни мӕлӕт; Уд ӕфсадынӕн чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард. Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт. Уыцы ныхас ууыл у, ӕмӕ нын Хуыцау ралӕвар кодта мыггагмӕйы цард ӕмӕ уыцы цард Йӕ Фырты руаджы лӕвӕрд цӕуы.
Выбор основного перевода