Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Райсомӕй раджы ногӕй ӕрцыд Кувӕндонмӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕм цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын райдыдта амонын. Афтӕ Йӕ ракъахыны тыххӕй фарстой, цӕмӕй Йӕм исты ссарой фӕзылын кӕнынӕн. Йесо та ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе 'нгуылдзӕй фыста зӕххыл. Йесо скаст ӕмӕ сылгоймагӕн загъта: «Хорз ус, цы фесты уыцы адӕм? Тӕрхон дын ничи рахаста?» Уымӕн ӕмӕ Хицау кӕй ӕрхуыдта, уыцы цагъары Хицау ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ адӕм куыд суӕм, афтӕ. Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕтынӕй. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ. Уымӕн ӕмӕ уӕ къухы ӕфты, уырнындзинад сымах цӕмӕ хъуамӕ ӕркӕна, уый – уӕ удты фервӕзын кӕнын. Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».
Выбор основного перевода