Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн». Йесойӕн загътой: «Мах Авраамы байзӕддаг стӕм ӕмӕ цагъартӕ никуы никӕмӕн уыдыстӕм. Уӕд Ды куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут"?» Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: тӕригъӕды чи ӕфты, уый тӕригъӕды цагъар у. Цагъар йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ. Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уеппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у. Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода