Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Сымах дӕр афтӕ, ме 'фсымӕртӕ, Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры – мӕрдтӕй Сыстӕджы адӕм, ӕмӕ кусат Хуыцауӕн. Ныр мах амардыстӕм, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кусӕм рагон фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы ног цардӕй. Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ. Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд – раппӕлдзынӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та – дунейӕн.
Выбор основного перевода