Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозтыл ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтыныл ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутыл ӕмӕ хӕлӕгыл.
Ӕви галиутӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,
Нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр цъыфкалджытӕ, нӕдӕр стигъджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.