Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цы кӕнын, уый не 'мбарын. Цы мӕ фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ кӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уыдӕттӕ. Кӕд цы кӕнын, уый кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уӕд бӕлвырд у: ӕз разы дӕн, Ӕгъдау фӕрнджын кӕй у, ууыл. Ӕмӕ уыдӕттӕ ныр ӕз нал кӕнын, фӕлӕ сӕ кӕны, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый. Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы цӕры. Уымӕн ӕмӕ мӕн фӕнды хорз кӕнын, фӕлӕ мӕ бон нӕу. Цы хорз кӕнын мӕ фӕнды, уый бӕсты кӕнын, цы ӕвзӕр кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уый. Цы мӕ нӕ фӕнды, кӕд уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ кӕны, мӕ мидӕг чи цӕры, уыцы тӕригъӕд. Уӕдӕ мын ахӕм ӕгъдау раргом: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы Ӕгъдауыл, Фӕлӕ ӕз уынын: мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ; ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты коммӕ ма кӕсут – уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.
Выбор основного перевода