Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы! Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы! Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн цагъартӕ куы уат, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауӕн коммӕгӕс цагъартӕ куы уат, уӕд уӕ сраст кӕндзӕн. Бузныг Хуыцауӕй, сымах тӕригъӕдӕн уыдыстут цагъартӕ, фӕлӕ ныр зӕрдиагӕй коммӕгӕс стут, уӕ зӕрдӕйы уын цы ахуырад нывӕрдӕуыд, уымӕн. Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ. Адӕймаджы хуымӕтӕг ӕвзагӕй пайда кӕнын, уымӕн ӕмӕ сымах лӕмӕгъ стут нырма. Уӕ буары уӕнгтӕ тӕригъӕдӕн кӕддӕр цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи митӕ кӕнат, афтӕ ныр та уӕ буары уӕнгтӕ рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй цӕрат сыгъдӕг цардӕй. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд сымахыл рӕстады бар нӕ цыд. Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Сымах ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕй тыххӕй кӕнут, ӕппынфӕстаг мӕлӕт чи ӕрхӕссы, ахӕм митӕм. Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъ уырнджыты ма фӕрӕдийын кӕной. Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй ӕрхонон фылдӕр адӕм. Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
Выбор основного перевода