Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цӕмӕй Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды – мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй. Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, ӕмӕ йын коммӕгӕсӕй хъуамӕ ма цӕрӕм. Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ марут, уӕд цӕрдзыстут. Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ. Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.
Выбор основного перевода