Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл. О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]? Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр уӕхи хъарутӕй фӕуынмӕ хъавут?
Выбор основного перевода