Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста цардӕгас ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ ӕрхӕсса махмӕ. Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
Выбор основного перевода