Зӕрдӕдарӕн та къӕмдзӕстыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ махӕн лӕ- вӕрд Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.
Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!»