Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Хуыцау загъта Авраамӕн: «Дӕ ус Сарӕйы ном нырӕй фӕстӕмӕ Сарӕ нал уыдзӕни, фӕлӕ Саррӕ. Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт; Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дзы рацӕудзысты адӕмтӕ, рацӕудзысты дзы адӕмты паддзӕхтӕ». Авраам ныддӕлгом, бахудт ӕмӕ хинымӕр загъта: «Ау, фондзыссӕдзаздзыдӕн ма фырт райгуырдзӕн? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ ма ныййардзӕн?» Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй. Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ сеппӕт йе 'цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл». Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл. Мӕнӕ уыцы зӕрдӕвӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу».
Выбор основного перевода