Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не 'рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард». Байсдзӕни нӕ знӕгты къухӕй, зӕгъгӕ, Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз дунейӕ кӕй сӕвзӕрстон, уый тыххӕй уӕ уыны дуне йе сӕфт. Йесойы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рардӕуыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас Хуыцауы раз мах срасты охыл. Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый. Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй; А дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. Ӕппӕт адӕмы ссӕрибары тыххӕй Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн – уымӕй Хуыцауы фӕндон равдыстӕуыд Йӕхи нысангонд ӕмгъуыдыл. Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм. Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут. Ма уарзут дуне, стӕй дунейы цы ис, уый дӕр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы. Уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис – тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын – уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ. Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода