Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс. Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын». Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый». Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг удты ныхмӕ.
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода