Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ. Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс. Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын». Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый». Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй; хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой. Савл сыстад зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухыл ӕмӕ йӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци. Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Анани. Хицау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Хицау». Хицау ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст чи хуыйны, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном – Савл, у Тарсы сахарӕй. Ныртӕккӕ кувгӕ кӕны Ӕмӕ йӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном – Анани; Анани йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй ракӕса йӕ цӕстытӕй». Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон. Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Павелӕй, адӕмы уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырыстийы фӕндӕй ӕмӕ Чырыстийы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд-Хуыцауы фӕндӕй апостолӕй кӕй сӕвӕрдӕуыд, уымӕй, Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон. Хуыцау Йӕ сусӕгдзинад раргом кодта мӕнӕн, ӕз уӕм уӕлдӕр цыбырӕй куыд ныффыстон, афтӕ.
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода