Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн, скӕндзынӕн дӕ хъуыстгонд, ӕмӕ уыдзынӕ арфӕйыхос. Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Ноджы ма уын иу хатт уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм цы фарны уац ӕрхастон, уый; сымах ӕй райстат уӕ зӕрдӕмӕ, сси уын царды бындур. Уырдӕм ацӕуын мын Хуыцауӕй раргом; ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕн цы фарны уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй, хицӕнӕй та ма – дзырддзӕугӕтӕн дӕр, цӕмӕй ма рауайа афтӕ, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы фӕкуыстон кӕнӕ дзӕгъӕлы кусын. Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм фарны уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй. Хуыцау Йӕ сусӕгдзинад раргом кодта мӕнӕн, ӕз уӕм уӕлдӕр цыбырӕй куыд ныффыстон, афтӕ. Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн: Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй.
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода