Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм цы разындзӕн, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй? Мыггагмӕйы цард та уый у, ӕмӕ Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де 'рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной. Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын. Цалынмӕ неппӕт дӕр ӕрцӕуӕм уымӕ, ӕмӕ уӕм ӕмуд нӕ уырнындзинады, базонӕм Хуыцауы Фырты, алцӕмӕй дӕр Чырыстийау ӕххӕст куыд уӕм, афтӕ. Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы. Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын радта Хуыцау, уымӕн ӕмӕ базыдтам Йӕ намыс ӕмӕ нӕ Йӕ хорзӕхмӕ Ӕрхонӕджы.
Выбор основного перевода