Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый. Мах та хъусын кӕнӕм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейтӕн цӕлхдур у, муртаттӕ та йӕ ӕнӕзондыл нымайынц. Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый. Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл уымӕн ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой. Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд – раппӕлдзынӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та – дунейӕн.
Выбор основного перевода