Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Хъал ма ут; дунейы цӕсты чи нӕ ахады, уыдонӕй уӕлдӕр уӕхи ма ӕвӕрут. Уӕхи цӕсты зондджынтӕ ма ут. Фӕразондзинад ӕмӕ ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын раттӕд, цӕмӕй сымах, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, уат ӕмзонд, Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уеппӕт дӕр ӕмбарат кӕрӕдзи ӕмӕ дихтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом – ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд. Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут. Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ӕмӕ Хуыцауы Израил хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй. Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы фарны уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд фендзынӕн, кӕнӕ фӕсаууонмӕ фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут, фарны уац йӕ бындур кӕмӕн у, уыцы уырнындзинадыл, Уӕд ноджыдӕр бафтаут мӕ циныл: уарзут кӕрӕдзи ӕмхуызон, ут ӕмхъуыды, ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
Выбор основного перевода