Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Сымах ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕй тыххӕй кӕнут, ӕппынфӕстаг мӕлӕт чи ӕрхӕссы, ахӕм митӕм. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та тырнынц, Уды цы фӕнды, уымӕ. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та – цард ӕмӕ фарн. Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый ӕнӕрцӕугӕ хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг.
Выбор основного перевода