Адамӕн та загъта: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай, ӕмӕ дын Ӕз цы бӕласы дыргъӕй фӕдзӕхстон „Ма дзы бахӕр“, – уыцы бӕласы дыргъӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Дӕ цӕргӕбонты йыл кӕндзынӕ къӕбӕрамалы фыдӕбон.
Зӕхх дын ратдзӕни хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ какон сындз. Дӕ хойраг уыдзӕни быдираг кӕрдӕг.
Петр ӕрымысыди зноны хабар ӕмӕ загъта Йесойӕн: «Равви, акӕс-ма, Ды кӕй ралгъыстай, уыцы легъуибӕлас бахус».