Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сымахмӕ ахӕм хорз хъуыддаг Чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн кӕронмӕ, ууыл ӕууӕндын фидарӕй. Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы. Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыд Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ цы зӕрдӕдарӕнӕй ӕппӕлӕм, ууыл ӕнувыд куы разынӕм, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстиимӕ ӕмхайджынтӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл кӕронмӕ фидарӕй куы хӕцӕм, уӕд.
Выбор основного перевода