Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: алы тӕригъӕд ӕмӕ фауын адӕмӕн уыдзысты хатыргонд, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды фауын хатыргонд нӕ уыдзӕн. Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры. Афтӕ уыдзӕн ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕры хабар дӕр». Йесо йын дзуапп радта: «Ды Хуыцауы хорзӕх куы зонис, стӕй дӕуӕн „Дон-ма Мын ратт" Зӕгъӕджы дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон». Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе 'хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут – уый уын Хуыцауы лӕвар у;
Выбор основного перевода