Хуыцау загъта: «Зӕхх раттӕд ахӕм зайӕгойтӕ: мыггаг згъалӕг кӕрдӕг ӕмӕ йӕ мыггаг йӕ дыргъы мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм алыхуызон бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.
Зӕхх радта ахӕм зайӕгойтӕ: мыггаг згъалӕг кӕрдӕг ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм алыхуызон бӕлӕстӕ. Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый.