Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты, Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, Цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт. Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй тӕккӕ къаддӕрӕн, рардӕуыд ацы хорзӕх – фарны уац Чырыстийы ӕгӕрон намысы тыххӕй муртаттӕм ӕрхӕссын, Йӕ намысджын хӕзнадонӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уын уӕ уд куыд сфидар кӕна, Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Сӕгъты ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ Чырысти бацыд Иууылсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй. Тӕригъӕдтӕ барст куы уой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода