Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме 'фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"». Уды руаджы иуӕн лӕвӕрд цӕуы уӕлзонд ныхасы курдиат, иннӕмӕн та уыциу Уды руаджы – зонынады ныхасы курдиат; Иуӕн – диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн – пехуымпарады, иннӕмӕн – уд Хуыцауӕй у ӕви нӕ, уый зоныны, иннӕмӕн – алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, иннӕмӕн – ӕвзӕгтӕ ӕмбарын кӕныны курдиат. Уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ мах дӕр иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй уын Хуыцау Йӕ Уды фӕрцы ратта ӕппӕт зонд ӕмӕ ӕмбарынад, ӕмӕ Йын ӕххӕстӕй базонат Йӕ фӕндон. Уӕд уӕ цард Хицауӕн уыдзӕн фӕндиаг, ӕппӕт алцӕмӕй дӕр Ын ӕлхӕндзыстут Йӕ зӕрдӕ, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр хӕсдзӕн пайда, Хуыцауы зондзыстут фылдӕрӕй-фылдӕр.
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода