Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай". Сымах иумӕ иу буар стут, хайджын стут иу Удӕй, ис уын иумӕйаг зӕрдӕдарӕн – Хуыцау уын ӕй радта, куы уӕ ӕрхуыдта, уӕд. Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕн сӕ бындур у, уӕлӕрвты уын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдоныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй сымах фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы – фарны уацы. Йе стыр хъомыс ӕфтауӕд уӕ тыхыл, скӕнӕд уӕ фидар ӕмӕ фӕразон, Ӕмӕ цингӕнгӕ арфӕ кӕнат, рухсмӕ уӕ Чи ӕрхуыдта, сыгъдӕджытӕн ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг Чи скодта, уыцы Фыдӕн.
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода