Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Фӕлӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд. Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдоны ӕрхуыдта, ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, уыдоны сраст кодта, ӕмӕ кӕй сраст кодта, уыдонӕн радта намыс. Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у? Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода