Фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Бакувут Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы фервӕзын кӕна галхӕфсытӕй. Ӕмӕ дӕ адӕмы ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ».
Фараон фӕдисӕй басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕ Дунедарӕг, Хуыцауы раз ӕмӕ уӕ разы;
Ацы хаттма мын ныббарут мӕ тӕригъӕд, бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна ацы бӕллӕхӕй».