Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Гесемы зӕххӕн та уыцы бон афтӕ нӕ бакӕндзынӕн: уым сты Мӕ адӕм ӕмӕ дзы дзынгатӕ нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, уыцы зӕххыл кӕй дӕн, уый. Дунедарӕг израилӕгты фос рахицӕн кӕндзӕни мысырӕгты фосӕй, ӕмӕ израилаг адӕмы ӕппӕт фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“». Ӕмӕ Дунедарӕг сарӕзта, цы загъта, уый: дыккаг бон мысырӕгтӕн ӕппӕт фос дӕр фӕцагъды; израилаг адӕмы фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди. Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ ӕртӕ боны йӕ бынатӕй ничи фезмӕлыд; ӕппӕт израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та рухс уыди. Израилы ӕппӕт адӕмыл та ӕгӕрмӕгуыр куыдз дӕр не срӕйдзӕн: нӕдӕр адӕймагыл, нӕдӕр фосыл. Ӕмӕ афтӕмӕй базондзысты, мысыраг адӕммӕ ӕмӕ израилаг адӕммӕ Дунедарӕг ӕмхуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы“». Цы хӕдзӕртты цӕрут, уыдоныл туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз фендзынӕн уыцы туг ӕмӕ ацӕудзынӕн уӕ рӕзты; Ӕз бафхӕрдзынӕн мысыраг зӕхх, сымахыл та зиан не 'рцӕудзӕн.
Выбор основного перевода