Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. Мысыраг цӕстдарджытӕ надтой, израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны, ӕмӕ сын дзырдтой: «Самандуртӕ нырмӕ цас арӕзтат, абон уый бӕрц цӕуылнӕ сарӕзтат?» Израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ дзынӕзтой йӕ разы: «Цӕмӕн афтӕ кӕнынц махӕн, дӕ цагъартӕн?
Выбор основного перевода