Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта бӕлвырд израилӕгтӕн, фӕлӕ йӕм нӕ хъуыстой – уӕззау куыстӕй сӕ уд удыл нал хӕцыд. Ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Мысыры нын ингӕнтӕ нӕ разындаид, ӕви? Мӕлынмӕ нӕ ӕдзӕрӕг ранмӕ цӕмӕн рахуыдтай? Уый нын цы бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Адӕм уайдзӕфтӕ байдыдтой Моисейӕн: «Ныр цы баназӕм?» Уӕд Сарӕ загъта Аврамӕн: «Масты хай кӕй бадӕн, уый дӕ аххос у; мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы дын ӕз радтон усӕн; кӕй басывӕрджын, уый Агар куы базыдта, уӕд мӕ ницӕмӕуал дары. Мӕнӕн дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр Хуыцау уӕд тӕрхонгӕнӕг». Уӕд Иаков Симеонӕн ӕмӕ Левийӕн загъта: «Бӕллӕхы мӕ баппӕрстат. Сымах тыххӕй ацы зӕххы цӕрджытӕн, ханаанӕгтӕн ӕмӕ ферезӕгтӕн, уӕнгӕл фестадтӕн. Махмӕ адӕм бирӕ нӕй, ӕмӕ мӕм уыдон иумӕ куы ӕрбабырсой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ хӕдзар дӕр бабын кӕндзысты».
Выбор основного перевода