Адӕмы хистӕртӕ дӕ коммӕ бакӕсдзысты, уыдонимӕ бацӕудзынӕ мысыраг паддзахмӕ ӕмӕ йын зӕгъдзыстут: „Фӕзынди нӕм Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау; уӕдӕ нӕ ауадз, ӕмӕ ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ уым нывондтӕ ӕрхӕсдзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Ӕмӕ дын Ӕз зӕгъын: Мӕ фырты ауадз нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ; куы нӕ йӕ ауадзай, уӕд дын амардзынӕн дӕ хистӕр фырты’“».
Моисей дзуапп радта: «Ацӕудзыстӕм нӕ ӕнахъом лӕппутимӕ ӕмӕ нӕ зӕрӕдтимӕ, нӕ фырттимӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ; ацӕудзыстӕм нӕ фысвос ӕмӕ стуртимӕ. Нӕ Дунедарӕгӕн бӕрӕгбон хъуамӕ саразӕм».