Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Моисей ралӕг. Иуахӕмы рацыд йе 'фсымӕртӕм, ӕмӕ сын федта сӕ уӕззау куыстытӕ. Моисей акаст ӕмӕ уыны: иу мысыраг ын нӕмы йе 'фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы. Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз. Сымахӕй Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн адӕм, ӕмӕ уын уыдзынӕн Хуыцау; уӕд базондзыстут, Ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг, мысыраг ӕфсондз уын уе рагъӕй Чи рафтаудзӕн, уӕ уыцы Хуыцау.
Выбор основного перевода