Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Райс тӕккӕ хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: фондзсӕдӕ сиклы тӕнгъӕд миррӕ, хӕрздӕф корицӕ та дыууӕ хатты къаддӕр – дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы, дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы хӕрздӕф хъӕз, Касси фондзсӕдӕ сиклы (ӕппӕт дӕр – кувӕндоны сиклтӕй) ӕмӕ иу гин зети. Сызмӕнт сӕ иумӕ ӕмӕ, хӕрзарӕхст адӕймаг хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сараза, афтӕ дзы сараз сыгъдӕг сӕрдӕн зети. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хӕрздӕф халван ӕмӕ сыгъдӕг буд – сеппӕтӕй дӕр ӕмбӕрц. Сызмӕнт сӕ бӕстон, ӕмӕ Мын дзы сараз буд нывондхӕссӕныл судзынӕн. Сараз ӕй, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд аразынц, афтӕ – хъуамӕ уа фӕхты хост ӕмӕ сыгъдӕг.
Выбор основного перевода