Сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн; сараз ӕй акъацийӕ;
Йӕ дӕргъ – ӕлмӕрин, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин; хъуамӕ уа цыппӕрдигъон, йӕ бӕрзӕнд – дыууӕ ӕлмӕрины; йӕхицӕй йыл хъуамӕ уа сыкъатӕ.
Сӕвдул ӕй сыгъдӕг сыгъзӕриндоны – сӕвдул ын йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ ӕмӕ йӕ сыкъатӕ; сӕвӕр ыл сыгъзӕрин тӕлм.
Йӕ тӕлмы бын, йӕ дыууӕ фарсыл, сараз дыууӕ цӕджы сыгъзӕринӕй; уыдон хъуамӕ уой йӕ дыууӕ фарсыл хъилтӕ сӕ атъыссынӕн, уыдоныл ӕй куыд хӕссой, афтӕ.
Хъилтӕ сараз акъацийӕ ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны.