Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ацӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, уыцы зӕхмӕ; Мӕхӕдӕг та нӕ ацӕудзынӕн уемӕ; хивӕнд адӕм стут, ӕмӕ тӕрсын, фӕндагыл уӕ куы фӕцӕгъдон, уымӕй». Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта Моисейӕн: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Сымах хивӕнд адӕм стут. Ӕз уемӕ куы ацӕуин, уӕд уӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕцӕгъдин. Ныр та рафтаут уӕ фӕлындӕнтӕ, ӕмӕ ӕркӕсон, цы уын бакӕнгӕ у, уымӕ“». Ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг, кӕд Дӕ аудыны аккаг сдӕн, уӕд Дунедарӕг Йӕхӕдӕг рацӕуӕд немӕ; ацы адӕм хивӕнд сты, фӕлӕ нын ныххатыр кӕн нӕ азым, нӕ тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ скӕн Дӕ адӕм». Хивӕнд адӕм! Сымахӕн уӕ буар сунӕт у, уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ та сунӕтгонд не сты. Сымах уӕ фыдӕлты хуызӕн стут – кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Выбор основного перевода