Аарон райста уыцы сыгъзӕрин, сарӕзта дзы джиппыуагъд уӕныг, ӕмӕ йӕ саив кодта сартӕй. Адӕм загътой: «Мысыры зӕххӕй дӕ чи ракодта, мӕнӕ дӕ уыцы хуыцау, Израил!»
Уӕд сын ӕз загътон: „Сыгъзӕрин фӕлындӕнӕй уӕ кӕмӕ цы ис, уый йӕ рафтауӕд“. Сыгъзӕрин радтой мӕнмӕ, ӕз ӕй баппӕрстон арты, ӕмӕ дзы рауад ацы уӕныг».
Левийы байзӕддаг бакодтой, Моисей сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ; ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагътой ӕртӕ мины бӕрц.