Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Сомы кӕнын Мӕхицӕй, зӕгъы Хуыцау, ды уыцы хъуыддаг кӕй сарӕзтай – дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, Ӕртыккаг бон Авраам акаст ӕмӕ дӕрддзӕфӕй суыдта уыцы бынат. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлынц, уӕ фыдӕлтӕн ӕй раттынӕй Хуыцау кӕй тыххӕй сомы кодта, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ уӕ куы бакӕна, уӕд афӕдзы фыццаг мӕйы хъуамӕ ӕххӕст кӕнат ацы ӕгъдау: Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы ӕвӕрдта, уӕд ын Йӕхицӕй сомы кодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.
Выбор основного перевода