Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Схиз Мӕм хохмӕ, ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕс; Ӕз дын ратдзынӕн къӕйдуртӕ. Адӕмы ахуыр кӕнынӕн сыл Ӕз ныффыстон Ӕгъдау ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ». Моисей фӕзылд ӕмӕ ӕрхызти хохӕй; йӕ къухы уыдысты, фидыды ныхӕстӕ дыууӕрдыгӕй цы дыууӕ къӕйдурыл ныффыстӕуыд, уыдон; фыст сыл уыдис иуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. Къӕйдуртӕ Хуыцауӕй уыдысты, ӕмӕ сӕ фыстытӕ дӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд уыдысты. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныллӕгъз кӕн дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн куыд уой, афтӕ. Ӕмӕ сыл Ӕз ныффысдзынӕн, ды цы къӕйдуртӕ асастай, уыдоныл цы фыст уыди, уый. Моисей Хуыцаумӕ фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, хӕргӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ дон дӕр нӕ банызта. Ӕмӕ къӕйдуртыл ныффыста фидыды (дӕс фӕдзӕхсты) дзырдтӕ.
Выбор основного перевода