Иосиф хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд ын бахастой сӕ лӕвӕрттӕ, ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой.
Иосиф сӕ бафарста се 'нӕниздзинадӕй ӕмӕ загъта: «Кӕй тыххӕй дзырдтат, уӕ уыцы зӕронд фыд ма ӕнӕниз ӕмӕ удӕгас у?»
Уыдон дзуапп радтой: «Нӕ фыд, дӕ цагъар, нырма ӕнӕниз ӕмӕ удӕгас у». Ӕфсымӕртӕ йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой.
Ааронӕн Хуыцау загъта: «Ӕдзӕрӕг ранмӕ ацу Моисейы размӕ». Аарон ацыд, Хуыцауы хохыл фембӕлд Моисейимӕ, ӕмӕ йын аба кодта.