Мадиамаг дины лӕгӕн уыдис авд чызджы. Уыдон ӕрцыдысты сӕ фыды фыстӕн дон бадарынмӕ. Сӕвгӕдтой дон ӕмӕ байдзаг кодтой тӕгӕнатӕ.
Чызджытӕ ӕрцыдысты сӕ фыд Рагуилмӕ. Уый сӕ бафарста: «Абон куыд тагъд фездӕхтыстут?»
Моисей хызта йӕ каисы мадиамаг дины лӕг Иофоры, фыстӕ. Иухатт дзуг аскъӕрдта ӕдзӕрӕг ранмӕ дард, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, Хуыцауы хохмӕ.