Моисей хызта йӕ каисы мадиамаг дины лӕг Иофоры, фыстӕ. Иухатт дзуг аскъӕрдта ӕдзӕрӕг ранмӕ дард, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, Хуыцауы хохмӕ.
Хуыцау ын загъта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн; Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый тыххӕй дын мӕнӕ ӕвдисӕйнаг: адӕмы Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ацы хохыл Хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕ нывонд».