Райсом та фендзыстут Хуыцауы кад, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, кӕй йыл хъуырхъуыр кодтат, уый. Мах та чи стӕм, ӕмӕ ныл хъуырхъуыр кӕнат?»
«Ӕз фехъуыстон израилаг адӕмы хъуырхъуыр. Зӕгъ сын: „Изӕрдалынгты хӕрдзыстут дзидза, райсом та бафсӕддзыстут кӕрдзынӕй; ӕмӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый“».