Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараон сифтыгъта йӕ хӕстон бӕхуӕрдон, йӕ адӕмы дӕр ракодта йемӕ. Фараонимӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ хуыздӕр бӕхуӕрдоны, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг уӕрдонджын ӕфсад сӕ хицӕуттимӕ. Ӕз та хивӕнд бафтаудзынӕн мысырӕгтыл, ӕмӕ фӕсте асурдзысты израилӕгты. Уӕд мӕ тых равдисдзынӕн фараоныл ӕмӕ йеппӕт ӕфсадыл, йӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ йӕ барджытыл. Ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн. Денджызы дон раздӕхт йӕ бынатмӕ, ӕмӕ Израилы фӕдыл денджызмӕ чи бахызти, уыцы хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ фараоны ӕппӕт ӕфсад йӕ быны фесты, иу дӕр сӕ нал аирвӕзт.
Выбор основного перевода