Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй. Моисейӕн Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Афтӕ зӕгъ израилаг адӕмӕн: „Дунедарӕг (Йахве), уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау, рарвыста мӕн сымахмӕ“. Мӕ уыцы номӕй Мӕ зондзысты мыггагмӕ, ӕмӕ сӕ зӕрдыл лӕудзынӕн фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ. Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ: „Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, фӕзынди мӕнмӕ ӕмӕ загъта: ‘Мӕ мӕт сымахыл уыд, ӕмӕ федтон, Мысыры уын цы митӕ кӕнынц, уый,
Выбор основного перевода