Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы.
Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ равдыстой фараоны раз. Фӕлӕ Дунедарӕг фараоныл бафтыдта хивӕнд, ӕмӕ фараон Израилы адӕмы нӕ ауагъта йӕ зӕххӕй.