Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз Мысырӕн Мӕ хъомыс куы равдисон ӕмӕ се 'хсӕнӕй израилаг адӕмы куы ракӕнон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». Фараон райсом Нилмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм бацу; цӕугӕдоны былыл ӕрлӕуу йӕ фӕндагыл; калм цы лӕдзӕг фестад, уый райс дӕ къухмӕ, Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ныртӕккӕ базондзынӕ, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый’. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн цӕугӕдон, ӕмӕ туг фестдзӕни. Уӕ байзӕддӕгтӕ уӕ куы бафӕрсой: „Уый цавӕр ӕгъдау у?“, Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн. Уыцы бон радзурут уӕ фырттӕн: „Мысырӕй нӕ кӕй ракодта, уымӕй Дунедарӕг махӕн цы хорз сарӕзта, уый номыл у ацы бӕрӕгбон“. Ӕмӕ уӕ райсом уӕ фырттӕ куы бафӕрсой: „Ай цы у?“, уӕд сын зӕгъут: „Хуыцау нӕ Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй. Фараон куы ныффӕрск ӕмӕ нӕ куы нӕ уагъта, уӕд мысыраг зӕххыл Хуыцау фӕцагъта ӕппӕт фыццаг гуырдты – адӕймагӕй фосмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Хуыцауӕн нӕ фосӕй нывонд хӕссӕм алы фыццаг нӕлы дӕр, ӕмӕ нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй“.
Выбор основного перевода