Ныридӕгӕн Хуыцауы ныхас хӕлиу кодта парахатӕй.
Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Элима дӕр, ома, кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.
Афтӕ Хицауы ныхас кодта парахат ӕмӕ ахадгӕ.
Ӕрмӕст фехъуыстой, зӕгъгӕ, кӕддӕр сӕ чи ӕфхӕрдта, уый ныр, раздӕр йӕ фесафыныл кӕмӕн архайдта, уыцы уырнындзинады тыххӕй хъусын кӕны фарны уац.
Ӕмӕ цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.